Напоминание

"Дарæс"

Автор: Дзгоева Марина Казбековна

Должность: воспитатель осетинского языка

Учебное заведение: МКДОУ№5

Населённый пункт: г.Беслан

Наименование материала: занятие

Тема: "Дарæс"

Описание:

Знакомство с национальной одеждой осетинского народа.

Ссылка на публикацию:

http://pedprospekt.ru/doshkolnoe/index?nomer_publ=2044

Опубликовано 27.12.2015




Перейти в превью раздела образования




Текстовая часть публикации


«Дарæс»


Нысан:

1.
Бафидар кæнын Ирыстоны тыххæй зонындзинæдтæ.
2.
Базонгæ кæнын ирон уæлæдарæс æмæ къахыдарæсимæ.
3.
Гуырын кæнын уарзондзинад нæ Райгуырæн бæстæмæ .
Æрмаæг:
ирон адæмы уæлæдарæс ,къахыдарæс,ирон адæмы мигæнæнтæ ,разгæмтты æмæ цухъхъаты нывтæ, хуыйæн машинæ, равдыст « дарæс», лыггонд разгæмттæ, нывæфтыды элементттæ.
Ног дзырдтæ :
цухъхъатæ,куырæт, нымæт худ,бухар худ,рон,разгæмттæ,риуыгънæджытæ, камари,гопп,хæцъилдзабыртæ, æрчъитæ,зæнгойтæ. 1
Ахуырты цыд.
1.
Орг.хай Хъуысы хъисын фæндыры цагъд,сабитæ æрбацыдысты залмæ ахуыргæнæгимæ.
Ахуыргæнæг
: Сабитæ,акæсут ма цас рææсугъд уазджыта нæм æрбацыд,салам ма сын раттæм.
Сываллæттæ:
Уæ бон хорз!
Ах
: Сабитæ,абон уæ æз акæндзынæн музеймæ.Фæнды уæ ?
Сыв:
О,фæнды!
Ах:
Загъут ма мын,музейы уæхи куыд хъуамæ дарат?
Сыв:
Уæздан,хъæлæба хъуамæ ма кæнæм,музейы къухæй ницæма ис æвналын.
Ах:
Раст,музейы кусæгма иу лæмбынаг хъусут,уый уын радзурдзæн бирæ цымыдис хабæрттæ!
2.

(сабитæ ахуыргæнæгима цæуынц музеймæ).

Ах:
Уæ райсом хорз!
Сыв:
Уæ райсом хорз!
Муз.кусаг:
Алы бон æгас нæм цæуыт! Тынг æхсызгон мын у уæ уынд,сабитæ. Уыдыстут ма ам,уæд æркастыстæм ирон мигæнæнтæм. Абон та уын цæй кой ракæнон?
Ах:
Абон мах фæнды ирон дарæсмæ лæмбынæгдæр æркæсын!
М.к:
Зæгъын хъæуы уый,æмæ дарæс кæнын адæймаг фæцахуыр æппæпæты разæй,уазал æмæ тыхджын хуры тынтæй цæмæй хъахъхъæд уыдаид,стæй фæстæдæр ссис æфсарм æмæ аивады бæрæггæнæн дæр .Ирон адæммæ уыд йæхи национ – куыд уæлæ,афтæ къахыдарæс дæр.Уыдон дих кодтой дыууæ хуызыл : æрвылбоны дарæс æмæ бæрæгбоны дарæс . «Сæрæн – худ, къæхтæн – дзабыртæ» - зæгъгæ баззад фыдæлтыккон ныхас.Сæр худæй кæй фидыдта,къæхты уаг – дзабыртæй,уый хорз амбæрстой нæ фыдæлтæ. Æркæсæм ма къаммæ,нæлгоймаг рагон ирон дарæсы.
(нывмæ æркаст)
Йæ сæрыл
бухар худ
,
нымæт худ
та дардтой хъарм бонты
.Куырæт
уыдис нымад æрвылбоны дарæсыл,нæлгоймæгтæ йæ дардтой цухъхъайы мидæг.Йæ дæргъ уæрджыты онг уыдис.Куырæтæн йа дыстæ дæр уыдысты цыбыр,цухъхъайы дыстима абаргæйæ. Уый адæймагæн фадат лæвæрдта арæхсын алы куыстытæм.Куырæты фæстæ ирон адæммæ фæзынд
цухъхъа
. 2
Цухъхъайы арæзт тынг æввахс лæууы куырæты кондмæ. Æрмæст дыстæ сты бирæ даргъдæр,стæй йæ фæджджытæ дæр сты даргъ.Цухъхъайæн йæ риукъæрт у гом, æрмæст астæумæ хæстæг ыл вæййы цалдæр сæхтæджы. Йæ риуыл,куыд рахизæрдыгæй,афтæ галиуæрдыгæй дæр уыд чысыл дзыппытæ,
бæрцытæ
æвæрынæн.Сæ нымæц уыд æнæкъай: 5,7,9. Нæлгоймаджы астæу æнæ
рон
никуы уыд. Роныл –
хъама
. Къахыдарæс:
хæцъилдзабыртæ,зæнгойтæ,æрчъитæ
. Стыр бынат ахста нæ фыдæлты царды сылгоймажы дзаума .
(нывмæ æркаст)
Уый дзæвгар хицæн кодта нæлгоймаджы дарæсæй! Кæлмæрзæн æмæ сæрбæттæн сылгоймаджы сæры кадыл ,сыгъдæг æфсармыл дзурæг уыдысты.
Разкъæрткъаба,куырæт.
Кæй зæгъын æй хъæуы,хуыдтой дарæс сæхæдæг.
(æркаст разгæмттæм)
Ацы дарæс та цы хуыины, уый зонут? Раст,уыдон сты
разгæмттæ
,кодтой сыл нывæфтыд,
уæллаггуыры
фидауц уыдысты
риуыгънаджыта
,кæцытæ аив кодтой сылгоймаджы риу.Чындзы къухтæ æхгæдта
уæларм
рæсугъд нывæфтыдимæ.Сæрыл кодтой
гопп
,уый дæр иу афтæ аивгонд æрцыд нывæфтыдæй. Астæуыл æнæмнæг конд уыд
камари(рон).
Сабитæ,хæстæг ралууыт,уæ бон сæм бавналын дæр у ,бар уын дæттын.
Ах:
Бузныг,абон сабитæ ногæй бирæ, базыдтой ирон адæмы дарæсы тыххæй. Хæрзбон!
М.к:
Нæ ног фембæлдмæ,мæ чысыл хуртæ!
Ах:
Сабитæ,æрбадут æмæ ма равдыстмæ баксæм .
2.

(равдыст « Дарæс»)

Ах
: -Куыд хуыины нæ республикæ?
(РЦИ- Алани
) -цавæр хуызтæй арæзт у нæ тырыса ?
(урс,сырх,бур)

-
Æппæты стырдæр цæугæдон Ирыстоны
?(терк)
- Дзæуыджыхъæуы бацæуæны цы уынæм? Цавæр дарæс ыл ис
?

(Фатимæйы,разгæмттæ).

(абарст рагон ирон дарæс ныры дарæсимæ)
Къоста дæр,сабитæ,ахæм ирон дарæс дардта. Цы хуыинынц
?(сфæлхат кæнын дарæс).
Уый та у Гогыцаты Изольдæ,хуыйы диссаджы разгæмттæ.Фæнды уæ фенын,куыд хуыйынц сæ?
Сыв
: Тынг!
Ах:
Сыстут æмæ уал ахъазæм,стæй ательемæ ацæудзыстæм. 3

4.

Хъазт «Дзедз æмæ дзедз»

Ах:
Ныр нæ бон уы ацæуын .
5.

(ацыдысты ательемæ)

Ах:
Уæ райсом хорз!
Хуыйг
:Æгас цæуыт,уазджытæ!
Сыв:
Уæ бон хорз!
Ах:
Мах æрбацыдыстæм фенынмæ,разгæмттæ куыд хуыйынц! Равдисдзыстут нын?
Хуыйг:
Табуафси! Æз ма уын нывæфтыд куыд кæнынц,уый дæр равдисдзынæн!
(æвдисы)

Ах:
Сабитæ,федтам,куыд хуыйынц разгæмттæ хуыйджытæ! Æнцон куыст у?
Сыв:
Уый æнцон куыст нæу,уæлдай дæр та нывæфтыд кæнын!
Ах:
Бафæлварæм,сымахæн та рауайдзæн рæсугъд нывæфтыд скæнын æмæ хæйттæй разгæмттæ æрæмбырд кæнын? Нæ уазджытæ дæр ахæм куыст бакæндзысты.Цымæ кæмæн рæсугъддæр рауаид?
6

. (æмбырд кæнынц разгмттæ,нывæфтыд сыл кæнынц)

Ах:
Тынг лæмбынæг куыст бакодтат,разгæмттæ аив æмæ куыд рæсугъд рауадысты! Тынг хорз,мæ хуртæ! Разы уæ дæн! Сабитæ,æмæ ныры заман та разгæмттæ æрвылбоны дарсыл нымад сты?
Сыв:
Нæ, чындзыл сæ ис фенын,кæнæ концертты.
Ах:
Сымах дæр дзæгъæлы сæ не скодтат,афтæ мæм кæсы. Æркафут ма нын уæ хорзæхæй!
7.

(чызджыты кафт)

Ах:
Сабитæ,абоны ахуыртæ уæ зæрдæмæ фæцыдысты? Цæмæй? Кæцы хай тынгдæр ? цæмæ?
(сабиты дзуаппытæ)
хорз! Æмæ ногæй та цы базыдтат? Тынг хорз! Цавæр адмы хатт стæм?цавæр æвзагыл дзурæм?
Сыв:
Мах стæм ирæттæ,дзурæм ирон æвзагыл!
Ах:
Раст,не взаг у нæ хæзна! Дæ мады взагыл кæд дзурыс,кæд зарыс- Дæ фыдгул æзнагæн йæ саузардæ марыс. Кæд рохæй ыскъуыдта дæ мады æвзаг- Йæ къах дыл ыркъуырдта дæ фыдгул æзнаг! 4

Ах:
Абон нæм иннæ къордæй дæр ис уазæг,фæнды йæ сымахæн æмдзæвгæ бакæсын!Табуафси,Тимур! Ирон авзаг. Ирон æвзаг мæ хæзна, Куыд рæсугъд у йæ дзырд. Фыдæн йæ фырт куы бæзза, Уæд амонджын у фыд. Ирон взаг мæ фыд у, Мæ цард,мæ цин,мæ бон. Куы мæ бафæрсой: «Чи дæ?», Мæ дзуапп цæттæ мæнæн: «Ирон лæппу,ирон дæн Кæд саби дæн,уæддæр!» (Бигъаты Сæрмæт)
Ах:
Сабитæ,иу хатт ма уын бузныг зæгъын!Лæвар уын кæнын цухъхъаты æмæ разгæмтты ахорæнтæ. Нæ уазджытæн хæрзбон зæгъут!
Сыв:
бузныг! Хæрзбон!
5



Яндекс.Метрика